Темæ: «Фæрсыс мæ: чи дæ?- Уæд иунæг мæ ном!» (Хетæгкаты Къостайы « Чи дæ?» - мæ гæсгæ)

Презентация:



Advertisements
Похожие презентации
Темæ: «Фæрсыс мæ: чи дæ?- Уæд иунæг мæ ном!» (Хетæгкаты Къостайы « Чи дæ?» - мæ гæсгæ)
Advertisements

« Мæ иунæг сидзæры уд нывонд кæнын нæ Иры дзыллæйæн, мæ зонд, мæ зæрдæ куыд амонынц, афтæ»… « Мæ иунæг сидзæры уд нывонд кæнын нæ Иры дзыллæйæн, мæ зонд,
Транксрипт:

Темæ: «Фæрсыс мæ: чи дæ?- Уæд иунæг мæ ном!» (Хетæгкаты Къостайы « Чи дæ?» - мæ гæсгæ)

Нысан: Радзурын ахуырдзаутæн поэмæ ныффыссыны истори, поэмæйы текст комментаритимæ кæсын, бакусын ныхасы рæзтыл,уацмысы мидис æмæ идейон хъуыды бамбарын кæныны тыххæй цыбыр беседæ саразын, ссарын поэмæйы Къостайы цардимæ баст бынæттæ, цымыдисдзинад гуырын кæнын ирон бинонты цардыуаджы æвадат æмæ зын уавæртæм, сæ трагизм. Урочы æрмæг. Фыссæджы хуызист, музыкæ, газет чингуытæ, альбом. Урочы хуыз. Камбинацион, индивидуалон, бафарст, беседæйы элементтæ.

Урочы цыд. (Музыкæ «Хъуыбады») I.Ахуыргæнæжы разныхас. Къоста! Ацы номимæ баст сты адæймаджы æппæты рæсугъддæр хъуыдытæ. «Ирон адæмы сæуæхсид», «нæ цæугæ мæсыг», «нæлæугæ хох» - фыр буцæй ахæм нæмттæй фæхонынц ирон аæдæм сæ уарзон хъæбул Хетæггаты Леуаны фырт Къостайы. Абайты Васо афтæ дзырдта: «Алы адæмтæ дæр æхсызгонау æмæ сæрыстырæй фæзæгъынц, дзыллæты цæсты сæ кадджын чи скодта, сæ национ гении, уалдзыгон дидинæгау кæй фæрцы райхæлд, сæ уыцы ахсджиаг хъæбулты нæмттæ. Англисаг сæрыстырæй фæзæгъ Шекспиры ном, шотландиаг Бернсы, немыцаг – Гетейы, италиаг – Дантейы, уырыссаг – Пушкины…

Мах, ирæттæ та ф зæгъæм Къоста, æмæ нын уыцы ном нæ зæрдæтæ байдзаг кæны æгæрон сæрыстырдзинад æмæ хъæулы уарзондзинадæй». Къоста махæн у сомыйы сæр, арфæйы сæр… Уыдон сæхæдæг сæхи ΄гъдауæн не ΄рцæуынц адæймагмæ. Алы лæджы бон нæ вæййы уыцы стыр кад æмæ намысы аккаг суæвын. Нартæ сæ хæзнаты хуыздæрыл нымадтой фæндыр. Къоста махæн радта «ирон фæндыр».Уый загъта æппæты аивдæр, æппæты куырыхон дæр ныхæстæ. Уымæн йе сгуыхт æмæ йææ ныхас сты æнусон, нæй сын рохуат, нæй сын мæлæт.

II.Урочы темæ æмæ хæс фехъусын кæнын. Сывæллæттæ, уæдæ абон нæ урочы ирон æвзаг æмæ литературæйы бындырæвæрæджы автобиографион поэмæ «Чи дæ?» - йы нæ цæстытыл ауайын кæндзыстæм. Нæ куырыхон поэт йæ поэмæйы кæны йæ царды хабæрттæ йæ райгуырдæй фæстæмæ. Абоны урочы нæхæс у: цæстытыл ауайын кæнæм Къостайы царды нывтæ, хæххон фæллойгæнæг адæмы цард, иунæджы фæлгонц, иунæджы уарзон чызджы фæлгонц, мады рæвдыд цы хъæбул нæфедта, сылгоймаджы æбардзинады цæутæ.

IV. Дзырдуатон куыст. Уæлыгæс – уæрыкгæс фыййау Четæн – дæрзæг, цæуд къуымбилæй хиуафт хъуымац, кадæг Тын – къуымбилæй хиуафт хъуымац Æгæссад уæвын – æнæниз уæвын Мæрт – хист Хæрдгæ – æрттивгæ æндах Æрчъитæ – дзабыртæ Æвгъæддон – сывæллон кæм райгуыры, уыцы бынат Стауын – æппæлын Ирæд – рагон æгъдау (усгур чызджы бинонтæн цы мук фыста, уый).

V. Анализ. 1. Чи у лирикон герой? - Уæздан лæг у… - æддаг бакаст… - йæ сабийы бонтæ… - Къостайы цардимæ баст… 2. Куыст – цардæн фæрæз. (Дæсаздзыд) - лæг у… - уæлыгæс цыд… - хъæлдзæг… - зын уавæртæ…

3. Æхсæрдæсæмаздзыд – лæджы бындзæфхад. - кусаг… - тыхджын… - арæхсджын… - хъæлдзæг… - къухæй дæсны… 4. Цæй мæгуыр дæ иунæг, Дæ мад амæла! - йæ уарзондзинад… - ирæд цæттæ… - фыд нæдæтты йæ чызджы иунæгæн. Цæуылнæ?..

5. Иунæг мæгуыр цæмæн у?.. - иунæг ирон адæмы царды, историйы. (Бирæ таурæугътæ)… - цы рцæудзæн дарддæр?.. - лæппуйы фæрæдийын кæндзæн фыд… - æндæрæн ратдзæн чызджы…

VI. Хатдзæгтæ скæнын. Идейæ: иунæджы хъысмæт иунæджы цард. Темæ: лирикон хъайтары цард йæ райгуырдæй йæ мæлæтмæ. Афтæ уыд мыггаон дунейы иунæджы уавæр. Къоста ахæм кæрон йæ хъуыдыты æфтауы чиныгкæсæджы. Йæ зæрдæмæ нæ цыд иунæг. Цы уавæры уыд, уый. Фæндыд æй, цæмæй иунæг дæр царды хæрзтæй хайджын уыдаид (адæмы хсæн хъуамæ уа Æппæтадæмон рæстдзинад æмæ уарзондзинад). - Абоны иунæджы цард?

VII. Хæдзармæ куыст. Поэмæ «Чи дæ?» - йæ скъуыддзаг наизусть сахуыр кæнын. VIII. Бæрæггæнæнтæ…