Ныхасы темæ: Адæймаджы идеал Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады. Грамматикон темæ: «Домгæвазыгджын хъуыдыйад» (иумæйаг æмбарынад). Хъесаты Фатим ӕ 43- æм скъолайы.

Презентация:



Advertisements
Похожие презентации
Бæлвырд изложени. Текст«Планетон системæ»-мæ гæсгæ»
Advertisements

Цы сты антонимтоǽ? Куыд сǽ пайда кǽнǽм нǽ ныхасы?
Урочы темæ: «Ракæндзынæн дын мæ зарæг» (Хетæгкаты Къостайы «А-лол-лай»-мæ гæсгæ)
Гений Коста. Забытые страницы о Коста Хетагурове.
Ирæттæ сты рагон скифты, сæрмæтты æмæ аланты байзæттæгтæ. Фæлæ, зындгон ахуыргæндтæ куыд фыссынц, афтæмæй бынæттон кавказаг адæмы тугæй дæр ирæттæм фæхæццæ.
Барахъты Гино Дзырдуатон куыст балхон –предводитель богал - силач, тяжелоатлет, борец уæфс – сыромятая кожа для подошвы сидзæр- сирота заман - время.
Презентаци «Къоста æмæ Цæлыккаты Аннæ» Презентаци бацæттæ кодта 42 – скъолайы ахуыргæнæг Хъуыбадты Т.М. Наукон – практикон конференци Къостайы сфæлдыстадыл.
С а к иС а к иС а к иС а к и
К Е Н Г У Р У П Е Т У Х С Л О Н Ж И Р А Ф Л И С А В О Л К Ё Ж Д Я Т Е Л М Е Д В Е Д Ь З У Б Р С О Л О В Е Й К О Н.
Школа 345 Дорога Жизни 2010.
Джигкаев Шамиль ПРÓКЛЯТЫЙ АНГЕЛ отрывок из трагедии Перевод на русский язык Дзарасовой Б.Н.
Мультимедийный билингвальный урок в 8 классе Учитель: Дзарасова Белла Николаевна 2011 год.
Сабақтың тақырыбы: Мақал- мәтелдер Сабақтың тақырыбы: Мақал- мәтелдер.
Маршруттық карта О қ у қ ұ ралдары ң ды т ү гелдеп ал.
« Мæ иунæг сидзæры уд нывонд кæнын нæ Иры дзыллæйæн, мæ зонд, мæ зæрдæ куыд амонынц, афтæ»… « Мæ иунæг сидзæры уд нывонд кæнын нæ Иры дзыллæйæн, мæ зонд,
IKAZ.KZ – АШЫ Қ М Ә ЛІМЕТТЕР ПОРТАЛЫ Экономикалы қ ж ү йе Қоғамның Экономикалық жүйесі.
гг. Коста Леванович Хетагуров родился 15 октября 1859 года в горном селе Нар, расположенном в верховьях Алагирского ущелья, в самом сердце.
Қ ытайды ң ұ лтты қ діндері Дайында ғ ан: Қ алмырза Айн ұ р «Экология» 107 группа.
Абай бол! Көше қауіп-қатері Қарағанды облысы Қарқаралы ауданы Тоқтар ауылы 6 орта мектеп Бастауыш сынып мұғалімі Исина Айнаш Екпиновна.
Повторение Строка Заголовок Строка Меню Линейка Рабочее поле Строка состояния Стандартная панель Интерфейс программы WORD PAD Панель форматирования Управляющие.
Транксрипт:

Ныхасы темæ: Адæймаджы идеал Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады. Грамматикон темæ: «Домгæвазыгджын хъуыдыйад» (иумæйаг æмбарынад). Хъесаты Фатим ӕ 43- æм скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хæс, Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс… Къоста

Вазыгджын хъуыдыйад Вазыгджын хъуыдыйад арæзт у дыууæ кæнæ фылдæр хуымæтæг хайæ. Хуымæтæг хæйттæ вазыгджын хъуыдыйады баст сты: интонацийæ, бæттæгтæй, бæттæг дзырдтæй. Æмбаргæ фыййау йæ фосы рæгъау нымадæй дары, фæлæ Хъуыбады йæ фоснымады фынддæс нæ ары.

Баххæст кæнут схемæ Вазыгджын хъуыдыйæдтæ Бæттæгтимæ Æнæ бæттæгтæй Бабæтгæвазыгджын

Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад арæзт у æмсæр, æмхуызон хуымæтæг хæйттæй, хæйттæ кæрæдзиуыл баст вæййынц интонацийæ æмæ бабæтгæ бастдзинады бæттæгтæй: - иугæнæг Æз фæцæуын хæхты, æмæ уайы цæстытыл Иры поэты хуыз. - ныхмæвæрды Ирон адæм æмхуызонæй Къостайы æмдзæвгæтæ кæсынæй не фсæдынц, хицæн скъыддзæгтæ та дзы адæмон зарджытæ систы æмæ зæлланг кæнынц Ирыстоны алы къуымты. - дихон Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид искæй зынад, Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид уарзондзинад!..

Абарæм хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн кад æмæ сæр! (Æй джиди!) Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид искæй зынад, дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид уарзондзинад!.. (Æй джиди!) Дæ кад мыггагмæ у цæринаг. (Салам) Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз! (Хъазтæ)

1. Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг Кæуæгау фæкæса, мыййаг, – Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, Уый зарæд йæхи фæндиаг. (Ныстуан). 2. Ма худ аууонмæ æвзæрыл, Хорзы-иу йæ цуры бафау! (Булкъ æмæ мыд) 3. Дунетæй хуыздæр куы фестай, Гъе уæддæр дæхи уд ма стау! (Булкъ æмæ мыд)

Домгæвазыгджын хъуыдыйад Домгæвазыгджын хъуыдыйад – арæзт у дыууæ кæнæ фылдæр хуымæтæг хайæ, хæйттæй иу вæййы сæйраг, иннæтæ – уæлæмхæст. Уæлæмхæст хæйттæ сæйраг хаимæ баст вæййынц: - домгæбастдзинады бæттæгтæй: Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ арай, - дæу фæуæд мæ фос! (Къ.) - бæттæг дзырдтæй: Лæг дзырд нæма фæци, афтæ дын хъæдбынæй иу бирæгъ рахæццæ рагъмæ. (Къ.)

Кæд æнæ мадæй баззадтæ Къоста, уæддæр амондимæ бахъомыл у. Леуаны худ-иу хæсс, дæ æхсæзæймаг фыды фыд Гоцъийы номæй хайджын фæу. Хетæгау дæм зæдтæ æмæ дауджытæ æргом куыд цæуой. Зондæй къæдзæх куыд уай. Дæ амонд къуыбырыл куыд нæ барай, фæлæ йæ уæлæ бæрзонд хохыл куыд барай! Нары хæхтæй Лиайы хохæй бæрзонддæр хох нæй – Лиайы хохыл нымад æрцу! Цалынмæ Лиайы хох йæ бынат ива, уæдмæ дæ кой дæ уарзон адæмтæ кæнæнт. Хетæгкаты Нафирæт

Хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст ракæнут. Схемæ йын саразут. Цалынмæ Лиайы хох йæ бынат ива, уæдмæ дæ кой дæ уарзон адæмтæ кæнæнт.

Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйадæй бæттæг æмæ бæттæг дзырдты руаджы саразут бабæтгæвазыгджын æмæ домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ. Фæмил вæййынц хæхтæ, Фæбур вæййы дон, Æртæхынц нæм мæргътæ, Фæдаргъ вæййы бон…

Вазыгджын хъуыдыйæдтæ кæронмæ ахæццæ кæнын: 1). Ма худ аууонмæ æвзæрыл, … 2). Хистæр – зондамонæг, кæстæр… 3). Нæу сусæг хорзæн йе цæг ном, … 4). Коммæгæсы ма цæв, – Мастæн æй хæсдзæн;…

Вазыгджын хъуыдыйады функцитæ тексты 1) Кад, ном æмæ цыт сты æмхуызон. (Æмб.) 2) Хицæй æппæлын кады нысан нæу. 3) Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй. 4) Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном. 1) Раст æмæ зылын къæцæл доны куы баппарай, уæд зылын истæуыл ныххæцы, расты дон аласы. (Æмб.) 2) Кад æмæ ном зын ыссарæн сты, сæ фесафынæй æнцондæр та ницы ис. 3) Лæджы, дам, бас куы басудзы, уæд фу кæны йæ доныл дæр, Лæг сусæгæй куы нымудзы, уæд нал сæтты йæ номыл дæр.

Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, – Дунеты се ппæт мæхимæ æрхонин, Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

Ратæлмац кæнут лæвæрд хъуыдыйад. Зæгъут, куыд аивта йе структурæ. Немного поправившись, Хамыц стал собираться в дорогу, чтобы разыскать певца, которого звали Коста. Дзырдуат: Поправившись – куы фæдзæбæх, куы фæсæрæн. Стал собираться в дорогу – йæхи фæндагмæ цæттæ кæнын райдыдта. Чтобы разыскать певца – цæмæй зарæггæнæджы ссара. Которого звали Коста – Къоста чи хуынди.

Вазыгджын хъуыдыйады æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрыны æгъдæуттæ 1). Хъуыдыйады структурон арæзт (цал грамматикон бындуры дзы ис, хæйттæн иумæйаг дзырд ис æви нæ; уæлæмхæст хайы бынат хъуыдыйады (сæйраг хайы мидæг дæр вæййы). 2).Вазыгджын хъуыдыйады хуыз: Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады хæйтты хсæн æвæрæм кæдзыг, стъæлф къæдзыгимæ (тынг даргъгонд куы вæййы æмæ ма дзы къæдзыгтæ куы вæййы, уæд): Къоста тынг бирæ уарзта хистæртæн лæггад кæнын, æмæ йе мбæлттæй куырдта, цæмæй хистæртæн кад кæной. домгæвазыгджын хъуыдыйады хæйтты хсæн æвæрæм къæдзыг, стъæлф къæдзыгимæ (æмхуызон æмдомгæ уæлæмхæст хæйтты хсæн); æнæбæттæгвазыгджын хъуыдыйады хæйтты хсæн æвæрæм къæдзыг, дыстъæлф, стъæлф къæдзыгимæ, тире. 3). Хæйтты хсæн ахастытæ: æнæбæттæгвазыгджын хъуыдыйады хæйтты хсæн вæййы æмбарынгæнæн, ныхмæвæрды, æфсоны-фæстиуæджы, дыккаг хай февдисы æнæнхъæлæджы фæуд æмæ а.д. 4). Хæйтты бастдзинады фæрæзтæ: бæттæгæй æви æнæ бæттæгæй, æрмæст интонацийæ æмæ а.д.

Хæдзармæ куыст Хъуыдыйæдты алы хуызтæй пайда кæнгæйæ, ныффыссын цыбыр сочинени «Дæ ном мыггагмæ у цæринаг».